15-æм майы нæ республикæйы бæрæг кæнынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.
Кадджынæй йыл сæмбæлдысты, нæ командæйы уæнг Цæллагты Ибрагим сæ уазæг кæмæн уыд, уыцы Алайнаг гимназы дæр. Футболон командæ «Алани»-йы æрдæгхъахъхъæнæг æвзонг ахуырдзаутæн саккаг кодта зæрдылдарæн лæвæрттæ, сарæзта сын тернировкæ, семæ иронау дзургæйæ. Фембæлды кæронбæттæны та сын байуæрста автографтæ æмæ сывæллæттимæ систа йæ къам.
Ирон æвзаг Ирыстоны зæрдæ у. Æрвылбон ыл сæрыстырæй дзырдтой нæ рагфыдæлтæ. Адæмыхаттæн фидæн вæййы уæд, æмæ сæ мадæлон æвзаг куы фæзонынц. Уымæн æмæ мадæлон æвзаджы ис адæмы уд, æвдисы сын сæ истори, се `гъдæуттæ æмæ сæ культурæ. Уадз, ирон æвзаг цæра, рæза æмæ цæуа фæлтæрæй-фæлтæрмæ.
15 мая в нашей республике отмечается День осетинского языка
Этот праздник широко отметили в стенах «Аланской гимназии», гостем которой стал игрок нашей команды Ибрагим Цаллагов.
Полузащитник ФК «Алания» подарил юным ученикам гимназии памятные футболки, провел тренировку на родном языке, сыграл с ребятами в футбол, а в конце занятия раздал автографы и сделал совместное фото.
Осетинский язык — это сердцевина Осетии, на котором с гордостью говорили наши предки в повседневной жизни. У народа есть будущее, пока люди знают родной язык.
Родной язык — душа народа, отражающая историю, традиции и культуру.
Пусть осетинский язык живет, развивается и передается из поколения в поколение!